Город МОСКОВСКИЙ
00:03:23

Кафказар - Уæддæр мæ не`мбарыс (зæронд клип)

Аватар
Intriguing Discoveries
Просмотры:
61
Дата загрузки:
21.02.2025 10:52
Длительность:
00:03:23
Категория:
Лайфстайл

Описание

Æз дын мæ удæй арт кæнын
Ды та йæм *хал дæр не`ппарыс
Дæ сыгъдæг номæй ард хæрын
Уæддæр, уæддæр мæ не`мбарыс

Æз дæ фыны дæр агурын
Ды та мæ бон дæр не`ссарыс
Мæ сусæг фæнд дын, радзурын
Уæддæр, уæддæр мæ не`мбарыс

Æз дæ мæ зарæг рахонын
Ды та йæм зæл* дæр не`фтауыс
Нæ цардвæндаг дын амонын
Уæддæр, уæддæр мæ не`мбарыс

Æз дæ тымыгъæй* хъахъхъæнын
Ды та мæм мур* дæр не`ндавыс
Зæрин тынтæй дæм ракæлын
Уæддæр, уæддæр мæ не`мбарыс

Æз зон дæ мæтæй, батадтæн
Ды та мы мæ рыст не`нкъарыс
Сæрдыгон сыфау, *баруадтæн
Уæддæр, уæддæр мæ не`мбарыс

Æз дæ мæ зарæг рахонын
Ды та йæм зæл дæр не`фтауыс
Нæ цардвæндал дын амонын.
Уæддæр, уæддæр мæ не`мбарыс

Кæдмæ цæрдзынæ хи`барæй
Кæдмæ дæ дæ хъаздзæн искæй зонд
Æз зонын, зонын фидарæй
Мæн бамбардзынæ искæд бон

*хал - травинка
*зæл - звук; хъæлæсы зæл звук голоса
*тымыгъ - буран, метель.
*мур - частица; кусок, кроха, крошка
*баруайын - 1) осесть, иссохнуть, сократиться, поблекнуть, стать блёклым, увянуть, зачахнуть

дæхи бафысс: t.me/ironzarjyta

нæ канал ютубы: https://youtube.com/@user-qc2er4sx5h

Рекомендуемые видео